филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:16 суббота, 28 сентября 2024
14 января 2021, 12:10
Пъæлицæйæгтæ сбæрæг кодтой, Кировы æмæ Рæмоны фырты уынджы фæндаггон змæлды домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый

Ацы уынгты фæндаггон фыдбылызтæй бахъахъхъæнын ахсджиаг у, социалон объекттæ дзы бирæ кæй ис, уый тыххæй

Операци «Фистæгæйцæуæг». Пъæлицæйæгтæ сбæрæг кодтой, Кировы æмæ Рæмоны фырты уынджы фæндаггон змæлды домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Ацы уынгты фæндаггон фыдбылызтæй бахъахъхъæнын ахсджиаг у, социалон объекттæ дзы бирæ кæй ис, уый тыххæй. Машинæтæ фæндагыл кæдфæндыдæр вæййы бирæ. Кæд дзы светофортæ æмæ фæндаджы сæрты хизынæн сæрмагонд бынæттæ ис, уæддæр фистæгæйцæуджытæн ам æнцон нæ вæййы. Рейды рæстæг закъонхалджытæ сбæрæг кодтой куыд фистæгæйцæуджыты, афтæ шофырты хсæн. Рафыстой сыл протоколтæ. Инспектортæ фылдæр æргом аздæхтой сывæллæттæм æмæ карджын бæлццæттæм. Пропагандæйы хайады кусджытæ алкæмæн дæр радтой зæрдылдарæн æмæ уæлæдарæсыл даргæ рухсгæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania