филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:18 воскресенье, 29 сентября 2024
26 декабря 2012, 15:42
Pамбулыны æппæтадæмон турниры архайыны размæ Цæгат Ирыстоны хъæбысхæсты иугонд командæ ис æмбырдты

Иван Ярыгины Гран-При рамбулыны æппæтадæмон турниры архайыны размæ Цæгат Ирыстоны хъæбысхæсты иугонд командæ ис æмбырдты.

Спорты галуан Манежы спортсментæ кусынц се спортивон цæттæдзинад фæфидардæр кæныныл.

Иван Ярыгины Гран-При рамбулыны æппæтадæмон турниры архайыны размæ Цæгат Ирыстоны хъæбысхæсты иугонд командæ ис æмбырдты.

Спорты галуан Манежы спортсментæ кусынц
се спортивон цæттæдзинад фæфидардæр кæныныл. Куыд алы аз, афтæ ныр дæр
Иван Ярыгины турнир арæзт æрцæудзæн Красноярскы. Ерыстæ райдайдзысты
25-æм январы. Ирыстойнаг спортсментæ дзы бирæ хæттыты систы
уæлахиздзаутæ. Тренертæ куыд зæгъынц, афтæмæй командæйы уæнгтæ нырма не
сбæрæг сты. Уæдмæ та уал архайдзысты æмбырдты дыккаг къæпхæны. Йæ
хатдзæгтæм гæсгæ, сбæрæг уыдзæн Красноярскы турниры республикæйы кад чи
хъахъхъæндзæн, уыцы спортсменты номхыгъд.

Бæззаты Артур, Цæгат Ирыстоны
хъæбысхæсты иугонд командæйы хистæр тренер: «Нæ бон цы уа, уый
скæндзыстæм. Æнхъæлмæ кæсдзыстæм хорз бæрæггæнæнтæм. Спортуарзджытæ дæр
зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц, æмæ сын сæ зæрдæтæ кæй нæ фæриссын кæндзысты,
ууыл æууæндæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania