филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:19 суббота, 28 сентября 2024
23 сентября 2020, 14:54
Пандемийæйы рæстæг уыд ахæм адæм æмæ зын уавæрты бахауæг адæмæн се ххусы къух рæдауæй чи бадардта

Сæ иу рахизфарсы штабы разамонæг Æлдаттаты Алан дæр

Пандемийæйы рæстæг кæд дохтыртæ æнæниздзинад хъахъхъæдтой, уæд уыд ахæм адæм æмæ зын уавæрты бахауæг адæмæн се ххусы къух рæдауæй чи бадардта. Суанг ма арæзт æрцыдысты бархионты къордтæ дæр. Ахæм зæрдæргъæвд адæм дæр арфæйы ныхæстæ æм хæрзиуджытæ райстой нæ республикæйы разамындæй. Сæ иу рахизфарсы штабы разамонæг Æлдаттаты Алан дæр.

Коронавирусы низ нæ республикæйыл куы апарахат, уæд гæртæмтæ исыны æмæ экстремизмы ныхмæ арæзт къамисы сæрдар Æлдаттаты Алан дæр æнцад нæ бадт, сарæзта бархионты штаб. Æххуыс кодтой царды зын уавæрты бахауæг бинонтæн. Уыцы рæстæг йыл стыр ныфс дардтой Æппæтуæрæсейон адæмон фронты уæнгтæ æмæ сæ зæрдæхудты  нæ бацыд

Æрппæтуæрæсейон акци «Мы вместе»-мæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уымæ гæсгæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав Æлдаттаты Аланы схорзæхджын кодта майданæй. Сæ штабы æххуыс абон дæр хорз хъуыды кæнынц рахизфарсы цæрджытæ.

Ныртæккæ бархионтæм уый бæрц куыст нæй, фæлæ уæддæр сты къæрцхъус. Штаб саразы æмбырдтæ æмæ бахъуаджы сахат бадары йæ `ххуысы къух.

Алы курдиат дæр æнæрхъуыдыйæ нæ ныууадзынц. Ныронг кæмæн баххуыс кодтой, уыдонимæ дæр бастдзинад нæ халынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania