филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:45 воскресенье, 01 февраля 2026
07 августа 2024, 12:37
Пансионат «Урсдон»-ы райдыдта сæрдыгон студентон слет «Æрыгон»

Форум сæмбырд кодта 170 студентæй фылдæры – Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй рацæугæ фæсивæды

Пансионат «Урсдон»-ы райдыдта сæрдыгон студентон слет «Æрыгон». Форум сæмбырд кодта 170 студентæй фылдæры – Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй рацæугæ фæсивæды. Уыдон сты, æндæр регионты чи ахуыр кæны, уыцы адæм. Форум цæудзæнис 9-æм августмæ. Архайджытæн бацæттæ кодтой тренингтæ, лекцитæ, командæйы куыстытæ æмæ дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Знон, æмбырд байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Архайджытæн ракодта зæрдиаг арфæтæ. Куыд загъта, афтæмæй ацы æмбырд у фыццаг, фæлæ йæ фидарæй уырны, фæстаг кæй нæ уыдзæн, уый. Йæ арæнтæ йын хъæуы уæрæхдæр кæнын.  Æмбырды архайджытæ уымæй дарддæр фембæлдзысты паддзахадон думæйы депутат Сергей Бурлаковимæ, зонындзинæдты центр Машукы генералон директор Антон Сериковимæ, республикæйы хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимимæ æмæ адæмон хæдзарады Уæрæсейы академийы ректор Алексей Комиссаровимæ. Форумы спикертæ уыдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ дæр. Слеты программæмæ хаст æрцыдысты рухстауæн лекцитæ æмæ тренингтæ, проектон куысты элементтæ республикæйы райрæзты сæйрагдæр къабæзтæм гæсгæ. Студентты сахуыр кæндзысты æлыгимæ кусын, сæракæй дзаумæттæ аразын, ирон чъиритæ фыцын æмæ афтæ дарддæр. Райгуырæн зæххы атмосферæ банкъарын, студентон фæсивæды фенгомдæр кæнын, регион ног хуызы раргом кæнын. Уый у слет «Æрыгон»-ы нысанты æрмæст чысыл хай.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania