Нæ республикæмæ Украинæйæ ссыд 186 лыгъд адæймаджы. Уыдонæй 86 сты «Тæмисчъы» санаторийы. 100 та – «Урсдоны» пансионаты. Цæгат Ирыстоны бацархайдтой, мигранттæн хорз уавæртæ саразыныл.
Наталья Порядинайы бинонтæ Цæгат Ирыстоны къуыри дæр нæма сты. Ног бынаты сæхи хорз æнкъарынц. Натальяйæн йæ 4 чызгимæ æмæ ныййарджытимæ радих кодтой 2 агъуысты. Ныр æнхъæлмæ кæсынц сæ бинонты сæргълæууæгмæ. Краснодоны сын сæ хæдзар ныууадзын æнцон нæ уыд. Фæлæ уым уæвын дæр сæ цардæн æдас нæ уыдис.
Наталья Порядина: «Иу рæстæг дзы фæсабыр ис. Хъуыды кодтам, алцыдæр хорз уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ уыдтам, сабыргай Краснодонæй адæм лидзын куыд райдыдтой, уый. Уæд мах дæр рацæуын сфæнд кодтам. Тарстыстæм, кæдæм бахаудзыстæм, куыд ныл сæмбæлдзысты. Фæлæ тынг райгонд стæм. Ахæм цæстæнгасæй нæм ракæсдзысты, уый æнхъæл нæ уыдыстæм».
«Урсдон»-ы пансионатæй рауад мигрантты поселок. 4 корпусы цæрынц Луганскы æмæ Донецкы облæсттæй лыгъд адæм. Бирæтæн Украинæйы баззадысты сæ хæстæджытæ, уымæ гæсгæ камерæты раз ныхас кæнын дæр нæ уæндынц.
Гамаонты Эрик, «Урсдон»-ы пансионаты директор: «Се `рфысым кæныны тыххæй нын ницы проблемæтæ уыдис. Иу бон раздæр нын фехъусын кодтой. Мах бацæттæ кодтам нæхи, агъуыстытæ сын срæвдз кодтам, хъарм хъæццулæй, базæй, сыгъдæг агъуыстытæм сæ æрбакодтам. Æнæ къуыхцыдзинæдтæй сæ суазæг кодтам».
Пансионаты директор куыд зæгъы, афтæмæй бирæ адæмы фæнды украинæгтæн баххуыс кæнын. Ныртæккæ аразынц, цавæр дзаумæттæ хъæуы, уыдоны номхыгъд.
Сывæллæтты хæринаг æмæ хъарм дзаумæттæ. Ныртæккæ лыгъд адæмæн уый у æппæтæй хъæугæдæр æххуыс. Ам цы 100 адæймаджы ис, уыдонæй 40 сты сывæллæттæ. Се `хсæн, афæдз кæуыл нæма цæуы, ахæм 5 сабийы.
Украинæйæ лыгъд адæмы æппæтæй тынгдæр тыхсын кæны куысты бынæттæ ссарыны хъуыддаг. Уый тыххæй ныхас кодтой адæмæн куыст дæттыны центры сæрдар Къаболаты Ларисæимæ. Уый сын загъта, баххуыс кæнынмæ сын цæттæ кæй сты, уый. Фæлæ уал сæ хъæуы рæстæгмæ регистраци райсын.
Къаболаты Ларисæ, РЦИ-Аланийы адæмæн куыст дæттыны центры сæрдар: «Кæй рæстæгмæ куысты сæвæрдзыстæм. Фæнды сæ кусын. Æххуыс сын кæндзыстæм».
Фидæны цæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уый тыххæй украинæгтæ нырма бæлвырд нæ дзурынц. Бирæты фæнды уæрæсейаг паспорттæ райсын, æмæ ам баззайын. Кæмæндæрты сæ Украинæйы сæ хæдзæрттæ ныппырх сты, иннæтæ тæрсынц, уырдæм куы æрыздæхой, уæд сæ сæ хицауад кæй æфхæрдзысты, уымæй.
Хъайтмазты Дзерассæ




