филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:34 суббота, 21 сентября 2024
12 ноября 2012, 14:57
Парламентмæ ныры æвзæрстытæ эксперттæ схуыдтой се ппæтæй уæззаудæртыл Цæгат Ирыстоны историйы

Парламентмæ ныры æвзæрстытæ эксперттæ æмæ политологтæ схуыдтой се ппæтæй уæззаудæртыл Цæгат Ирыстоны политикон историйы. Дыккаг туры уыдис бирæ фиппаинæгтæ. Уыимæ æвзарæн хайæдтыл куыстой видеокамерæтæ.

Парламентмæ ныры æвзæрстытæ эксперттæ æмæ политологтæ схуыдтой се ппæтæй уæззаудæртыл Цæгат Ирыстоны политикон историйы.

Дыккаг туры уыдис бирæ фиппаинæгтæ. Уыимæ æвзарæн хайæдтыл куыстой видеокамерæтæ.

Дыккаг хатт хъæлæс кодтой Дзæуджыхъæуы,
Мæздæджы, Æрыдоны, Æрæфы, Алагиры æмæ Кировы районты. Горæты æвзæрстытæ
цыдысты æртæ иумандатон зылдмæ гæсгæ. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ацы
хатт адæм фылдæр æмæ разæнгарддæрæй цыдысты æвзарæн хайæдтæм.

Абайты Дибæхан: «Цæмæй хорз уа нæ гыццыл
Ирыстон. Хуыцау нын æххуыс кæнæд. Цæмæй рынчындонмæ, дуканимæ куы
бацæуай, уæд хорз цæстæнгас куыд уа адæймагмæ».

Æвзæрстыты рæстæг хайæдты куыстой
паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы оператортæ. Уыимæ ма видео истой
цæстдарджытæ дæр. Уый фæстæ æрмæджытæ æвдыст цыдысты интернеты. Уый
тыххæй канал Youtube-ы арæзт æрцыд иумæйаг аккаунт «vyboryRSOA».

Хекъилаты Валентинæ, цæстдарæг: «Адæм
архайынц активонæй. Æхсызгонæй цæуынц хайæдтæм. Закъонхæлдтæ нæм ницы ис
ныртæккæ. Хорз цæуынц æвзæрстытæ».

Æвзæрстыты рæстæг уыдис закъонхæлдтытæ
дæр. Зæгъæм, Алагиры 5-æм æвзарæн хайады. Æрыгон лæппутæ, кæйдæр
паспорттæ райсгæйæ, фæнд кодтой дыккаг хатт схъæлæс кæнын.

Иннæ районты æвзæрстытæ ацыдысты сабырдæр уавæры. Адæм хъæлæс кæнынмæ цыдысты хуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.

Джыбылаты Тарзан: «Адон сты фæстаг
æвзæрстытæ. 4 азы æвзæрстытæ нал уыдзæн. Адæм æй æмбарынц. Кæд боныахаст
æвзæр у, уæддæр цæуынц райсомæй фæстæмæ цæуынц æмæ сæ хъæлæстæ дæттынц,
кæуыл сæ фæнды, уыдоныл».

Ставдурты цæрæг Наниты Барис дæр хъæлæс
кæнынмæ æрбацыд ахæм хъуыдытимæ. Йæ зæрдæ дары, æвзæрстыты фæстæ йæ
хъæуы цард хуыздæрмæ кæй аивдзæн, ууыл.

Наниты Барис: «Уыцы хъæлæс ныл хорзырдæм
куыд фæзына, куыд нæм æркæса Парламентмæ кæй æвзарæм, уый, ахæм амонд
Хуыцау радтæд. Æркæсын хъæуы хъæумæ, уынгтæм дæр æркæсын хъæуы, цавæр
фæндæгтæ ис, уымæ æркæс, зивæг кæнынц шофыртæ ардæм цæуынмæ горæтæй».

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм
уæззау æвзæрстытæ Ирыстоны нæма уыд. Хæстæгдæр рæстæг сбæлвырд уыдзысты
кæронбæттæн хатдзæгтæ. Депутатты хъæудзæн Парламенты сæйраг хæстæй иу
сæххæст кæнын – сфидар кæнын фидæны азы бюджет.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania