филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:29 четверг, 02 мая 2024
29 января 2021, 11:48
Парламенты ацы азы фыццаг æмбырды депутаттæ æрдзырдтой 3 азы бюджеты закъоны проекттыл

Финансты министры фыццаг хæдивæг Оксана КАрова радзырдта, бюджет цавæр ахсджиаг хъуыддæгтыл дихгонд цæудзæн, уый тыххæй

Уыд Парламенты ацы азы фыццаг æмбырд. Депутаттæ æрдзырдтой цæрæнуæтты политикæйыл, æвзæрстытыл æмæ 3 азы бюджеты закъоны проекттыл. Финансты министры фыццаг хæдивæг Оксана КАрова радзырдта, бюджет цавæр ахсджиаг хъуыддæгтыл дихгонд цæудзæн, уый тыххæй. Фæрæзтæ хардзгонд цæудзысты бындурон цалцæгыл, социалон объектты арæзтадыл, ведомствæты хъæугæ хъуыддæгтыл. Ведомствæты фылдæр хай, уый та у 300 милуан сомæй фылдæр цыд арæзтады æмæ архитектурæйы министрадмæ. Афтæ Уырыссаг театры юбилеймæ сцалцæг кæндзысты бæстыхайы æддаг къултæ. Сечеры та нысан кæнынц бирæвæрсыг фæзуат саразын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania