филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:38 понедельник, 20 мая 2024
25 апреля 2014, 11:06
Парламенты депутаттæ æрдзырдтой шкъолаты хæрæндæтты фарстатыл

Республикæйы цæстдарæн нымайæн палатæйы куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй скъолаты хойраг æлхæнынц, цас æмбæлы, уымæй зынаргъдæрæй. Уымæ гæсгæ депутатты сæрмагонд къорд

Республикæйы цæстдарæн нымайæн палатæйы куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй скъолаты хойраг æлхæнынц, цас æмбæлы, уымæй зынаргъдæрæй. Уымæ гæсгæ депутатты сæрмагонд къорд бабæрæг кодта районты æппæт скъолатæ. Куыд сбæрæг афтæмæй алы ран дæр ис фарстатæ æмæ сæ алчи дæр лыг кæны йæ бон куыд у,афтæ.

Ацы азы райдианæй скъолатæ хойрагæй ифтонг кæныны фарста æрæнцад бынæттон хиуынаффæйады уæнгтыл, фæлæ уыдон хæрдзтæ бюджетмæ нæ бахастой æмæ фæзынд къуылымпыдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ алы районы дæр фарстайыл кусынц алыхуызон. Æххуыс сын кæнынц амалхъом адæм, фермертæ. Хицæн скъолаты директортæ та скъоладзаутæн продукттæ дуканийы исынц æфстау.

Ацы аз республикæйы бюджетмæ бахастой 15 милуан сомы æххуысхъуаг бинонты скъоладзаутæн, уый æмткæй райсгæйæ у 400 сомы иу сывæллонæн, фæлæ сæ цæмæй спайда кæной, уый тыххæй хъæуы алыхуызон гæххæттытæ сæмбырд кæнын, уымæн та бахъæудзæн рæстæг. Ныртæккæ депутаттæ кусынц скъолаты сихорты фарстайыл. Парламенты комитеты сфидар кодтой сæрмагонд документ. Фæлæ ма уымæй уæлдай хъумæ фарста кæмæй аразгæ у, уыцы ведомствæты æмгуыстад дæр хуыздæр уа, зæгъы парламенты комитеты сæрдар Таболты Тамарæ.

Фидараты Юрий, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат: «Аныхас кодтам сывæллæтты куыд æфсадынц скъолаты. Æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, ныхасаг хъуамæ ма уа ацы хъуыддаг. Фæлæ хъыгагæн бирæ скъолаты районты сывæллæттæн фаг хæринаг нæ дæттынц. Хъуамæ сын дæттой 2 хатты, райсом æмæ сихорыл. Иуæй иу рæтты иу хатт сын дæттынц хъарм хæринаг æмæ сывæллонæн уый фаг нæу. Æрбахуыдтам се ппæт районты минæвæртты, ахуырады министрады минæвары. Байхъусæм кæрæдзимæ, иу районы сæ бон куы у æфсадын сывæллæтты, иннæ районы цæуыннæ у? Сæ гæнæнтæ иу куы сты, уæд. Муниципалон зылдты цы хца ис, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, фаг не сты. Фæлæ Алагиры район куыд загъта; сардтой мадзал. Ома бизнесментæ æххуыс кæнынц, ды та ма баххуыс кæнай скъолатæн ахæм ныхас дзы нал уыдзæн. Æмæ Алагиры район фадат ссардта. Уæд æй иннæ районты куыд нæ ссарынц».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania