филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:53 вторник, 16 декабря 2025
25 января 2013, 12:27
Парламенты сæрдар Алексей Мачнев бабæрæг кодта Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институт

Парламенты сæрдар Алексей Мачнев бабæрæг кодта Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институт. Уым ын арæзт æрцыд фембæлд нæ республикæйы уæлдæр скъолаты студенттимæ. Ныхас кодтой алыхуызон фарстатыл.

Парламенты сæрдар Алексей Мачнев бабæрæг кодта Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институт. Уым ын арæзт æрцыд фембæлд нæ республикæйы уæлдæр скъолаты студенттимæ.   Ныхас кодтой алыхуызон фарстатыл. Се хсæн – æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ дæттын, фæсивæдæн куысты бынæттæ агурын. Стыр æргом здæхт æрцыд фæсивæдон Парламент саразыны хъуыддагмæ, стæй амалхъом адæмæн æххуыс кæнынмæ. Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар куыд загъта, афтæмæй афæдзы дæргъы фæсивæдон программæ царды рауадзыныл республикон бюджетæй радих кæндзысты дыууын иу милуан сомы. Бæрнон кусæджы æмæ студентты *хсæн рауад æргом ныхас. Радтой йæм ссæдз фарстайæ фылдæр. Æмæ се *ппæт дæр райстой бæстон дзуæппытæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania