Закъондæттæг хицаудзинады оргæны разамонæг радзырдта 2022-æм азы фæззыгон сессийы бæрæггæнæнты тыххæй
Парламенты сæрдар Тускъаты Таймуразæн уыд хатдзæгтæгæнæн пресс-конференци. Закъондæттæг хицаудзинады оргæны разамонæг радзырдта 2022-æм азы фæззыгон сессийы бæрæггæнæнты тыххæй. Æдæппæтæй Парламенты 7-æм æмбырды æркастысты 3 сæдæ федералон хъæппæрисæй фылдæрмæ, сфидар кодтой 36 республикон закъоны. Сæ ахадгæдæрты хсæн – сидзæрæй æмæ æвæгæсæгæй чи баззади, ахæм сывæллæттæн æххуыс кæныны закъоны проект. Уый фæрцы, Парламент сфидар кодта ацы категорийы адæмæн цæрæнуæтты сертификаттæ дæттыны ног, æмбал кæмæн нæй, ахæм механизм. Парламенты сæрдар дзуæппытæ радта республикæйы дзыллон информацион фæрæзты минæвæртты фæрстытæн, стæй йæ хъуыдытæ загъта 2023-æм азмæ йæм цы нысантæ ис, уыдоны тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй куыст иууылдæр баст уыдзæни республикæйы социалон-экономикон рæзтимæ.




