02 марта 2018, 18:10
Парламенты Совет бюджеты комитетмæ бахаста фæндон, регионы инвестицион архайд фæахадгæдæр кæныны тыххæй закъоны проект бацæттæ кæнын
Паддзахадон Думæмæ цы уынаффæ бахаста, уым фыст ис, Хъырым æмæ Севастополы райрæзтмæ се вæрæн чи хæссы, уыцы инвестортæн сæ хъалонтæ хъуамæ уой льготæтæм гæсгæ.
Парламенты Совет бюджеты комитетмæ бахаста фæндон, регионы инвестицион архайд фæахадгæдæр кæныны тыххæй закъоны проект бацæттæ кæнын.
Паддзахадон Думæмæ цы уынаффæ бахаста, уым фыст ис, Хъырым æмæ Севастополы райрæзтмæ се вæрæн чи хæссы, уыцы инвестортæн сæ хъалонтæ хъуамæ уой льготæтæм гæсгæ. Цæгатирыстойнаг Парламенты уæнгтæ рахæцыдысты хъæппæрисы фарс. Сæ хъуыдытæ ма загътой, Цæгат Ирыстоны райрæзтыл хъуыддагæй чи архайы, уыцы куыстуæттæн пайдайаг уавæртæ саразыны тыххæй дæр. Парламенты Советы æмбырды ма ныхас цыди цардархайды æндæр фарстатыл дæр. Зæгъæм, хорзыл банымадтой, алыхуызон æрæзтадтæм сæ фæрæзтæ чи бахаста, æмæ сайды бынаты чи баззади, уыцы адæмæн лæвар юридикон æххуыс кæныны закъон.
темæмæ гæсгæ




