филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:11 суббота, 12 июля 2025
14 ноября 2013, 16:48
Парламенты Совет йæ радон æмбырды æркаст федералон закъонты проекттæм, стæй республикæйы цардархайды ахсджиаг фарстатæм

Растыл нымад æрцыд хъæппæрис, цæмæй административон æгъдауæй æфхæрд æййафой, цæрæнуæттæ аразгæйæ, адæмы æхца закъонмæ гæсгæ чи нæ хардз кæны, уыцы арæзтадон куыстуæттæ.

Парламенты Совет йæ радон æмбырды æркаст федералон закъонты проекттæм, стæй республикæйы цардархайды ахсджиаг фарстатæм. Æмбырд амыдта Парламенты сæрдар Алексей Мачнев.

Растыл нымад æрцыд хъæппæрис, цæмæй административон æгъдауæй æфхæрд æййафой, цæрæнуæттæ аразгæйæ, адæмы æхца закъонмæ гæсгæ чи нæ хардз кæны, уыцы арæзтадон куыстуæттæ.

Советы уæнгтæ сразы сты закъоны проектимæ, цæмæй Уæрæсейы субъектты закъонадон хицаудзинадæн бар уа цæрæуæтты-коммуналон лæггæдты æргътæ нымайынмæ цæст дарынæн.

Цалдæр фарстайы баст уыдысты ахуырадимæ. Æппæт Уæрæсейы дæр скъоладзаутæн хъуамæ уа иумæйаг дарæс. Уыимæ федералон Хицауад хъуамæ сфидар кæна дарæсы цалдæр хуызы, субъектты та равзардзысты, æрдзон фадæттæм гæсгæ, рæзгæ фæлтæрæн хуыздæр чи уыдзæн, уый. Иннæ закъоны проект та бар дæтты скъоладзаутæн сæхицæн равзарынæн, иумæйаг паддзахадон фæлварæн ратдзысты ахуыры фæстæ, æви, раздæр чи уыд, ахæм фæлварæн.

Æмбырды æрдзырдтой санитарон уавæры фарстатыл дæр, уæлдайдæр та, Дзæуджыхъæуы хауæдздзæгты полигон домæнтæн дзуапп кæй нæ дæтты, ууыл.

Парламент дарддæр йæ хъус дары «Регионы рæзты банчы» архайдмæ. Алексей Мачнев куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæт мадзæлттæй архайын хъæуы, цæмæй адæмæн се ‘хцайы æвæрæнтæ раздахой. Уый фæдыл кусынц æхцайы æвæрæнтæ фæдзæхсыны агентадимæ.

Хæдарцаты Аслæнбег, РЦИ-Аланийы Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Зæрдæйæ сын фæнды баххуыс кæнын, æмæ абон ацы фарста уый тыххæй систам. Цы фыстæг арвыстам агентадмæ, уымæн дзуапп нæма райстам, æмæ уый нæ зæрдæмæ нæ цæуы, уымæн æмæ алцæмæн дæр ис рæстæг закъонмæ гæсгæ. Дыууæ бонмæ та хъуамæ ног фыстæг арвитæм, уыдоны куыд фæнды, бынтон афтæ нæ рауайдзæн. Нæ бон куыд у, нæ хъару куыд у, афтæ бацархайдзыстæм мах дæр, Хицауад дæр, цæмæй Ирыстоны цæрджытæ се ‘хца райсой. Цы къорд сæмбырд кодтой, уыдонæй искæмæ исты фарста куы уа, уæд цæуæнт махмæ. Мамсыраты Таймураз дæр бауынаффæ кодта, цæмæй Хицауады хицæнæй юрист куса æрмæстдæр ацы фарстайыл, æмæ нæ алы къахдзæф дæр закъонмæ гæсгæ уа».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania