филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:56 суббота, 29 июня 2024
03 июля 2014, 16:56
Парламенты Совет йæ радон æмбырды æркаст, Паддзахадон Думæйæ, стæй Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдонмæ

Æмбырд амыдта Алексей Мачнев. Советы уæнгтæ сразы сты Уголовон кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл, цæмæй уголовон хъуыддагæй æфхæрд æййафой, бирæуæладзыгон хæдзæртты арæзтады закъонад чи халы, уыдон. Уыцы ивддзинæдтæ хауынц, адæмы æхцайæ чи аразы, уыцы куыстуæттæм

73254
Парламенты Совет йæ радон æмбырды æркаст, Паддзахадон Думæйæ, стæй Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдонмæ. Æмбырд амыдта Алексей Мачнев. Советы уæнгтæ сразы сты Уголовон кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл, цæмæй уголовон хъуыддагæй æфхæрд æййафой, бирæуæладзыгон хæдзæртты арæзтады закъонад чи халы, уыдон. Уыцы ивддзинæдтæ хауынц, адæмы æхцайæ чи аразы, уыцы куыстуæттæм. Закъонæй дзуапп дæтдзысты, æхца сæ нысанмæ гæсгæ куы нæ схардз кæной, уæд дæр. Растыл ма нымад æрцыд закъоны проект, цæмæй бынæттон хиуынаффæйады хæстæм раздахой дзæгъæл цæрæгойтæ ахсыны хъуыддаг. Ацы аз культурæйы аз кæй у, уымæ гæсгæ Стъараполы край ныффыста курдиат Федерацийы Советы сæрдар Валентинæ Матвиенкомæ, цæмæй арæзт æрцæуа паддзахадон программæ хъæуты культурæйы хæдзæрттæ сбиноныг кæнынæн. Нæ республикæйы Парламенты депутаттæ ахæм хъæппæрисимæ сразы сты. Æрдзырдтой ма хъæуты æрыгон специалистты уавæрыл дæр, цæмæй сын фадат уа паддзахадон æххуыс исынæн. 
Суанты Вадим, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæнуæтты- коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг: «Хъæумæ куы ацæуынц кусынмæ, æмæ сын зæххы хай куы раттынц, уæд сын, закъонмæ гæсгæ, иннæ паддзахадон льготæтæ сисынц. Абон мах ахæм уынаффæ рахастам, цæмæй æрыгон специалисттæн сæ льготæтæ баззайой. Иннæ фарста та у бирæуæладзыгон хæдзæртты цалцæджы тыххæй. Цæмæй паддзахадон æххуыс 2014 æмæ 2015 азмæ нæ, фæлæ ма дарддæр дæр уа, уый тыххæй. Уынаффæ рахастам курдиат УФ-йы Хицауады сæрдар Д.А.Медведевмæ арвитыны фæдыл».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania