филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:23 воскресенье, 06 октября 2024
20 ноября 2014, 18:05
Парламенты Совет йæ радон æмбырды æркаст республикон æмæ федералон закъонты проекттæм

Æмбырд дамыта Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Цалдæр фарстайы баст уыдысты бынæттон хиуынаффæйады тыххæй закъонтимæ. Цæмæй муниципалон хицаудзинады органты архайд æмбæлгæ уагыл уа, уый тыххæй депутаттæ сразы сты, Уæрæсейы закъонадмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл.

73088
Парламенты Совет йæ радон æмбырды æркаст республикон æмæ федералон закъонты проекттæм. Æмбырд дамыта Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Цалдæр фарстайы баст уыдысты бынæттон хиуынаффæйады тыххæй закъонтимæ. Цæмæй муниципалон хицаудзинады органты архайд æмбæлгæ уагыл уа, уый тыххæй депутаттæ сразы сты, Уæрæсейы закъонадмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Уыдон бæлвырд фæткыл сæвæрдзысты, бынæттон хиуынаффæйадæн дæсны специалистты цæттæ кæныны хъуыддаг. Бæстонæй æрдзырдтой фидæн азы бюджетыл. Ныртæккæ уал æй цæттæ кæнынц фыццаг бакастмæ. Сæйраг финансон документимæ базонгæ кодтой æхсæнады. Хæстæгдæр сессийы фидаргонд æрцæудзысты йæ бындурон бæрæггæнæнтæ, уый фæстæ та каст цæудзæн йæ алы статьямæ дæр. Совет растыл банымадта, Уæрæсейы Хицауады сæрдар Дмитрий Медведевмæ курдиат арвитын, цæмæй ивддзинæдтæ хаст æрцæуой федералон нормативон акттæм æмæ фидаргонд æрцæуой хæдзæртты æдасдзинады техникон регламенты домæнтæ. Хауынц, бирæуæладзыгон хæдзæртты фыццæгæм уæладзгуыты æмæ пъадвалты цы кусæндæттæ кæнынц, уыдоны архайдмæ. Цæрджытæн знаггад чи хæссы, тыхсын сæ чи кæны, ахæм кусæндæттæ хæдзæрттæм 50 метрæй хæстæгдæр хъуамæ ма уой.

Суанты Вадим, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæн-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг: «Бирæуæладзыгон хæдзæртты гæрзтæхсæнтæн, дарæс сыгъдæггæнæнтæн, æхсæвы 11 сахатæй фæстæмæ чи кусы, ахæм дуканитæн æмæ кусæндæттæн ис æрмæстдæр амынддзинад. Ног закъон йæ тыхы куы бацæуа, уæд та уыдзæн фидар домæн, ахæм кусæндæттæн цæрæн хæдзæрттæм 50 метрæй хæстæгдæр аразæн кæй нæй, уый фæдыл. Махмæ дæр Владикавказский уынджы ис дарæс сыгъдæггæнæн. Адæм хъаст кæнынц. Фæлæ абоны онг кæрæдзимæ фыстæджытæ йедтæмæ ницыма ис, уымæн æмæ закъоны бæлвырдæй загъд нæй, ахæм кусæндæттæн бирæуæладзыгон хæдзæртты аразæн ис æви нæй. Ахæм закъон куы уа, уæд адæмæн фенцондæр уыдзæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania