Парламенты Совет йæ радон æмбырды æркаст, Паддзахадон Думæйæ æмæ Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, стæй йæхæдæг кæуыл бакуыста , уыцы закъонты проекттæм.
Депутаттæ бæстон æрдзырдтой «Карз нозтуадзæг куыстуæттæн паддзахадон æххуысы тыххæй» закъоны проектыл. Бахаста йæ Хицауад.
Парламенты Совет йæ радон æмбырды
æркаст, Паддзахадон Думæйæ æмæ Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон
хъæппæристæ æрбацыд, стæй йæхæдæг кæуыл бакуыста
, уыцы закъонты проекттæм.
Депутаттæ бæстон æрдзырдтой «Карз
нозтуадзæг куыстуæттæн паддзахадон æххуысы тыххæй» закъоны проектыл.
Бахаста йæ Хицауад. Йæ нысан у, республикæйы бюджетмæ йе вæрæн чи хæссы,
уыцы куыстуæттæн æххуыс кæнын, цæмæй сæ авналæнтæ хуыздæр кæной, æмæ сæ
бон уа фылдæр хъалонтæ фидын. Федералон закъонмæ гæсгæ, Парламент
бакуыста закъоны проектыл, уый бæлвырд кæны æмбырдтæ, митингтæ æмæ
пикеттæ аразыны фæтк. Ахæм мадзæлттæ кæм аразæн ис, уыдоны номхыгъд уый
размæ сфидар кодта Хицауад. Иннæ домæнтæ та хъуамæ фидаргонд æрцæуой
закъоны хуызы. Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев куыд бафиппайдта,
афтæмæй фарстамæ, фыццаджыдæр, кæсын хъæуы адæмы æдасдзинад хъахъхъæныны
цæстæнгасæй. Æркастысты социалон фарстатæм дæр. Совет сразы «Инвалидты
социалон æгъдауæй хъахъхъæныны фæдыл» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл.




