филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:18 воскресенье, 01 февраля 2026
17 января 2020, 15:41
Парламенты Советы æмбырды фехъусын кодтой республикæйы ацы азы бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй

Стыр æргом аздæхтой 2021-æм æмæ 22-æм азтæм дæр.

Абон Парламенты Советы æмбырды фехъусын кодтой республикæйы ацы азы бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Стыр æргом аздæхтой 2021-æм æмæ 22-æм азтæм дæр. Профилон министрады разамонæг Бутаты Хъасполат фехъусын кодта сæйраг финансон документы бæлвырддзинæдтæ. Æфтиæгтæ баззадысты, куыд уыдысты, афтæ – 34 миллиарды æмæ 500 милуан сомы. Уыимæ хæрдзтæ 33 миллиардæй æмæ 997 милуан сомæй нысан кæнынц фæфылдæр кæнын 34 миллиарды æмæ 147 милуаны онг. Проектмæ гæсгæ хæрдзты хай уыдзæн 150 милуан сомы. Министры ныхæстæм гæсгæ уый баст у, Дзæуджыхъæуы бюджетмæ субсидитæ хæссынимæ æмæ фæндæгтæ аразынимæ. Бюджет фæфылдæр уыдзæн, республикон бюджеты иумæйаг хыгъды афæдзы райдиан фæрæзтæ кæй баззад, уый фæрцы. Парламенты сæрдар Алексей Мачнев куыд фехъусын кодта, афтæмæй документ бахæсдзысты Парламенты Сессийы боны фæткмæ. Æмбырды ма хорзыл банымадтой, Орловы облæсты адæмон депутатты Советы уæнгтæ Уæрæсейы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрмæ цы курдиат арвыстой, уый. Баст у федералон закъонæвæрынадмæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ, онкологон низтæй бахизыны тыххæй. Онкомаркертæ кæй хонынц, уыдоны фæрцы алы аз дæр бæлвырд категоритæн хъæудзæн диспансеризаци кæнын, æнæмæнг хъæугæ æмæ лæвар лæггæдтимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania