Бæлвырддæр та, административон барадхæлдтыты кодексмæ
Парламенты советы уæнгтæ рахæцыдысты, цалдæр федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарс. Бæлвырддæр та, административон барадхæлдтыты кодексмæ. Ивддзинæдтæ баст сты фæсарæйаг мессенджертæй æнæзакъонæй пайда кæныны бæрнондзинадимæ. Уымæй уæлдай, депутаттæ хорзыл банымадтой цæрæнуæтты кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъæппæрис. Сæйрагдæр та – бирæфатерон хæдзары исбонæй пайда кæныны фæткмæ, стæй цæрæнуæтты пълан аивыны закъонмæ. Ивддзинæдтæ фæзындысты хицæн закъондæттæг акттыл, уæлдайдæр та, коммуналон лæггæдтæн фидыны хъуыддаг афоныл æххæстгонд куы нæ цæуа, уæд, уыцы зыкъонхæлдыл. Административон закъонхæлдтытыты тыххæй Уæрæсейы Кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны мадзæлттæ баст сты фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнынимæ. Паддзахадон фæсивæдон политикæйы куысты хатдзæгтæ ивгъуыд дыууæ азæн бахыгъта фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты разамонæг Джусойты Руслан.




