филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:51 вторник, 16 декабря 2025
07 октября 2014, 17:28
Парти «Иугонд Уæрæсе» йæ цæст дардзæн студентты æмдзæрæнты æргътæм

Ацы фарстайыл ныхас цыд абон регионтимæ баст видео-конференцийы. Архайдта дзы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайад дæр. Æрдзырдтой ма студентты цардимæ баст æндæр фарстатыл.

74655
Парти «Иугонд Уæрæсе» йæ цæст дардзæн студентты æмдзæрæнты æргътæм. Ацы фарстайыл ныхас цыд абон регионтимæ баст видео-конференцийы. Архайдта дзы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайад дæр. Æрдзырдтой ма студентты цардимæ баст æндæр фарстатыл. Видеоконференцийы архайдтой нæ республикæйы уæлдæр скъолаты минæвæрттæ. Йæ саразыны хъуыды сæвзæрд, цæрæнуæттæй пайда кæныны æргъты тыххæй Федералон закъон фидаргонд куы æрцыд, уый фæстæ. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ацы фарстаимæ къуылымпыдзинæдтæ нæй. Æмдзæрæнæн студенттæ фидынц рæстæмбис нымадмæ гæсгæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania