филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:48 понедельник, 01 июля 2024
28 июня 2024, 11:32
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ æххæст кæнгæйæ, арæзт æрцыд фæлладуадзæн зонæтæ аив кæныны мониторинг

Уæгъд рæстæг æрвитынæн æмæ фæллад уадзынæн сæрмагонд бынæттæ. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ æххæст кæнгæйæ, арæзт æрцыд фæлладуадзæн зонæтæ аив кæныны мониторинг. Ныртæккæ куыст цæуы Беслæны Терчы былгæрæтты. Аив ма кæнынц сквер «Треугольник». Куыстытæ фæуыдзысты 2025-æм азы. Бæстондæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Арæзтадон техникæ сабыргай афтид фæзæй аразы стыр парчы зонæ. Беслæны Терчы былгæрон саив кæныны куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. «Иугонд Уæрæсе»-йы партион десант сбæрæг кодта, арæзтадон куыстытæ цы æмвæзадыл сты, уый.

Цъæхфæлыстæй саив кæндзысты 16 гектары территори. Уым ныссаддзысты 450 бæласы. Ныридæгæн уал къахвæндаг плиткæйæ æвæрд æрцыди 70%, уый у 15 мин квадратон метры. Велосипедтæн фæндæгтæн, фонтан, аразгæ цад æмæ уымæн сыгъдæггæнæнтæ, цæмæй проект æххæстæй дзуапп дæтта экологон домæнтæн. Ног фæлладуадзæн бынаты сывæллæттæн хъуамæ фæзына 5 фæзы, цæмæй ныййарджытæн æнцонвадат уа, æмæ ардæм æнæкъуылымпыйæ цæуой, уый тыххæй та дзы зæрдæ вæрынц ног маршрутæй. Арæзтады пайда кæнынц æппæты нырыккондæр æрмæгæй. Ахъуыды кодтой æппæт гæнæнтыл дæр, цæмæй дзы фæлладуадзджытæн уа алы уавæртæ. Проект у егъау – ног парчы зонæйы арæзтад кæронмæ хъуамæ фæуа ацы азы кæрон.

Ацы сквер Беслæны цæрджытæ зонынц куыд «Треугольник». Тæвд бон сывæллæтты фæзы вæййы бирæ адæм. Фæлладуадзæн бынат уарзынц алы кары сабитæ дæр. Куыстыты кæронмæ æнхъæлмæ кæсынц зæрдиагæй.

Ног брусчаткæ, бордюртæ, 30-æм азты цы фонтан арæзт æрцыди, уый дæр æнхъæлмæ кæсы йæ сног кæнынмæ. Иу ныхасæй архайд цæуы, цæмæй Беслæны цæрджытæн æмæ уазджытæн ног фæлладуадзæн фæз суа уарзон бынат.

Беслæны аивдзинадыл куыст цæуы бирæ объектты. Иннæ аз ног арæзт фæлладуадзæн бынæттæ сæмбæлдзысты сæ уазджытыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania