филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:26 суббота, 18 мая 2024
01 августа 2023, 11:52
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ æмæ спорты министрад æркастысты спортивон фæзты уавæрмæ

Бабæрæг кодтой, партийы проект æххæст кæнгæйæ, цы бæстыхæйттæ сарæзтой, уыдон

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ æмæ спорты министрад æркастысты спортивон фæзты уавæрмæ. Бабæрæг кодтой, партийы проект æххæст кæнгæйæ, цы бæстыхæйттæ сарæзтой, уыдон. Уæлдай цæстдард цыд футболон фæзтæм. Уымæн æмæ бирæ хæттыты уыд афтæ, æмæ футболон бырутæ хорз фидаргонд нæ уыдысты, æмæ расайдтой фыдбылызмæ. Южныйы поселочы спортивон бæстыхай сарæзтой фарон. Абайты Васойы уынджы фæзыл та цæуы фылдæр рæстæг, фæлæ уый нæ хынцгæйæ, футболон бырутæ сты хорз фидаргонд. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæтты æдасдзинадæн тæссаг нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania