Куыстытæ цæуынц проект «Горæты тыгъдад»-мæ гæсгæ
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ æркастысты Дзæуджыхъæуы Нина Зубковайы уынджы æхсæнадон территорийы аивгæнæн куыстытæм. Ам сæвæрдтой брусчаткæ, ног бордюртæ, бандæттæ æмæ бырæтты урнæтæ. Уымæй дарддæр тагъд рæстæджы нысан кæнынц быцæутæ сæвæрын сæрмагонд рухсгæнæнтæн, æмæ ма бакусдзысты цæъх фæлыстыл дæр. Куыстытæ цæуынц проект «Горæты тыгъдад»-мæ гæсгæ. Æххæст æй кæнынц нæ бæстæйы алы регионты. Цæгат Ирыстоны проект кусын райдыдта 2017-æм азы. Уыцы мгъуыдмæ банывыл кодтой 150 æхсæнадон зонæйы æмæ 600 кæрты территорийы. Фæрæзты иумæйаг бæрц 1 миллиард сомæй фæфылдæр. Сты федералон, регионалон æмæ муниципалон бюджжеттæй. Æппæт объекттæ æвзæрстой хъæлæс кæныны фæрцы. Политикон парти «Иугонд Уæрæсе» стыр æргом здахы горæты аивдзинадмæ.




