08 марта 2025, 10:31
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ арфæ ракодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ныййарджытæн æмæ бинойнæгтæн
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ бацæттæ сын кодтой концертон программæ
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ бæрæгбоны фæдыл арфæ ракодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ныййарджытæн æмæ бинойнæгтæн. Бацæттæ сын кодтой концертон программæ. Уый æвзонг артистты уарзон зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ. «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретары хæдивæг Едзойты Марат æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциацийы сæрдар Магкæты Олег сылгоймæгтæн балæвар кодтой дидинджытæ. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ацы уæззау рæстæджы сылгоймагыл ис уæлдай стырдæр бæрнондзинад – бинонты æнгомдзинад. Акци арæзт æрцыди партийы Адæмон программæйы фæлгæты.
темæмæ гæсгæ




