филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:40 воскресенье, 01 февраля 2026
16 января 2024, 12:16
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ дзыллон информацийы фæрæзты разамонджытæн раарфæ кодтой сæ профессионалон бæрæгбоны

Журналисттæн бузныджы ныхæстæ загътой ресупбликæйы æхсæнадон æххуысы штабы

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ дзыллон информацийы фæрæзты разамонджытæн раарфæ кодтой сæ профессионалон бæрæгбоны – мыхуыры боны фæдыл. Журналисттæн бузныджы ныхæстæ загътой ресупбликæйы æхсæнадон æххуысы штабы. Ног бынаты цы фыццаг мадзал сарæзтой, уый баст уыд дзыллон коммуникациты минæвæрттимæ. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æххæстгæнæн комитеты разамонæг Едзойты Марат куыд загъта, афтæмæй дæсны æмæ куыстуарзаг журналистты руаджы адæммæ хæццæ кæны раст æмæ бæлвырд информаци. Уымæй уæлдай ма загъта, дзыллон информацийы фæрæзтæ сты, паддзахад кæй руаджы рæзы æмæ егъау фарстатæ кæй руаджы лыг кæнынц, уыцы кусæнгæрзтæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania