Службæйы ветерантæ, кусджытæ æмæ æхсæнад «Динамо»-йы уæнгтæ райстой арфæйы фыстæджытæ
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ раарфæ кодтой мидхъуыддæгты оргæнты кусджытæн, сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл. Службæйы ветерантæ, кусджытæ æмæ æхсæнад «Динамо»-йы уæнгтæ райстой арфæйы фыстæджытæ. Бæрæгбоны агъоммæ парти «Иугонд Уæрæсейы» æмæ æхсæнадон æххуысы Штабы уæнгтæ схорзæхджын кодтой 6 адæймаджы. Мадзалы архайдтой студенттæ дæр. Уыдонæн радзырдтой мидхъуыддæгты оргæнты куысты тыххæй, æмæ куыд ахсджиаг у спортивон цæттæдзинадыл кусын дæр. Арæзт ма æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ къуххæстæй. Амыдта сæ мидхъуыддæгты дæлбулкъон, республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Дзитойты Артур. Мидхъуыддæгты оргæнты кусджыты Бон бæрæггонд фæцæуы æрвылаз 10-æм ноябры.