11 октября 2022, 11:31
Парти «Иугонд Уæрæсе» – йы минæвæрттæ скодтой зæрдиаг лæвар фæкæсынхъуаг бинонтæн
Моргуаты Ольгæ йæ дыууæ сывæллонимæ цæры къуындæг уавæрты
Парти «Иугонд Уæрæсе» – йы минæвæрттæ скодтой зæрдиаг лæвар фæкæсынхъуаг бинонтæн. Моргуаты Ольгæ йæ дыууæ сывæллонимæ цæры къуындæг уавæрты. Сæ хæдзары цалцæг ныддæргъвæтин цыппар азмæ. Бинонтæ æххуысы курдиат арвыстой Вячеслав Володинмæ. Дзуапп ын радта фракци «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнг Мæхъиты Зураб. Уый йæхимæ райста Моргуаты цæрнуат сцалцæг кæныны хæс.
Мадзал арæзт æрцыд акци «Добрые дела»-йы фæлгæты. Ольгæйы цардæмбал йæ цардæй æнæнхъæлæджы куы ахицæн, уæд сæ бинонтæ баззадысты æвæгæсæгæй. Ныр сын феххуыс кæнынмæ се ргом раздахтой парти «Иугонд Уæрæсе» – йы регионалон хайады уæнгтæ.
темæмæ гæсгæ




