филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
27 ноября 2025, 10:34
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы программæмæ æмæ проект «Горæты тыгъдад»-мæ гæсгæ республикæйы базылдысты 600 кæртыты территоритæй фылдæрмæ

Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутаттæ сбæлвырд кодтой цалцæггæнæн куыстыты хæрзхъæддзинад цалдæр уынгыл

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæмæ æмæ проект «Горæты тыгъдад»-мæ гæсгæ 2017-æм азæй республикæйы базылдысты 200 æхсæнадон æмæ 600 кæртыты территоритæй фылдæрмæ. Куыстытæ дарддæр æххæстгонд цæуынц. Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутаттæ фракци «Иугонд Уæрæсе»-йæ сбæлвырд кодтой цалцæггæнæн куыстыты хæрзхъæддзинад цалдæр уынгыл, аныхас кодтой цæрджытимæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Мæйы размæ дæр ма Дзусты Ибрагимы уынгыл фæрсагон фæндаджы ацы уаццаг уыд кæлæддзаг уавæры. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй зæронд фæндагыл цæуын зын уыд сывæллæттæн дæр, æмæ хистæртæн дæр, сыхаг бирæфатерон хæдзæртты кæртытæм дæр машинæйыл бацæуын æнцон нæ уыд. Ныридæгæн ам баивтой бордюртæ, фæвæййынц машинæтæ цæуæн хайы асфальтбетон уæлцъар æвæрын.

Дзусты Ибрагимы уынджы 500 метры дæргъæн фæндаджы уаццаг сног кæнын бантыст Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутатты хъæппæрисæй. Объект бындуронæй сцалцæг кодтой программæ «Горæты тыгъдад»-мæ гæсгæ.

Сцалцæг кæнын бантыст Гагарины уынджы 2 æхсæнадон зонæйы дæр. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц Владикавказскийы уынджы 55-æм хæдзары раз дæр. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, фæрсагон фæндагмæ ам зылд нæ уыд 30 азæй фылдæр. Нæ дзы уыд фистæгцæуджытæн фæндæгтæ дæр. Цалцæгмæ ам бавнæлдтой мæйы размæ. Специалисттæ бацæттæ кодтой уæлцъар фидæны куыстытæм, сæвæрдтой бордюртæ.

Адæмыл аудын æмæ цардæн æнцонвадат уавæртæ аразын сты «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæйы сæйрагдæр нысантæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania