филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:22 суббота, 28 сентября 2024
02 декабря 2020, 12:07
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы райдыдта адæмы фарстатæн дзуапп дæттыны къуыри

Фыццаг бастдзинадмæ рацыд партийы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы райдыдта адæмы фарстатæн дзуапп дæттыны къуыри. Фыццаг бастдзинадмæ рацыд партийы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур. Ацы аз пандемийæйы аххосæй мадзал арæзт уыд дæрддзæфмæ гæсгæ. Фарстатæн дзуапп дæттынц алы министрадты минæвæрттæ, административон центрты сæргълæуджытæ, партийы проектты разамонджытæ. Къуырийы дæргъы ныхас цæудзæн цардархайды алы къабæзты куыстыл, æхсæнадон цардыл. Абон партийы регионалон хайады æрдзурдзысты социалон ахсджиаг фарстатыл. Райсом æмæ иннæбон та дзурдзысты æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады фарстатыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania