филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 суббота, 28 сентября 2024
26 февраля 2020, 18:21
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон æхсæнадон исæнуаты байхъуыстой адæмы фæрстытæм

Баст уыдысты сывæллонджын бинонтæн æххуысимæ

Цæрæнуæттæй ифтонг кæнын, мадæлон капитал фидын, стæй социалон æххуыс кæнын. Абон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон æхсæнадон исæнуаты байхъуыстой адæмы фæрстытæм. Баст уыдысты сывæллонджын бинонтæн æххуысимæ. Сæ курдиæттимæ æрбацыдысты 10 адæймаджы. Сæ фылдæр – бирæсывæллонджын ныййарджытæ. Тыхсын сæ кæнынц мадæлон капиталы регионалон фиддонтæ, стæй фæкæсынхъуаг бинонтæн зæххы хæйттæ дæттыны фарста. Фембæлды ма архайдтой Цæгат Ирыстоны фæллойы æмæ социалон рæзты министрады, пенсион фонды æмæ социалон æххуысы комплексон центрты специалисттæ. Алы хъуыддагмæ дæр æркастысты хицæнæй. Адæмæн скодтой консультацитæ æмæ æмбарынгæнæн куыст. Цæрджыты курдиæттæ иууылдæр уыдызсты «Иугонд Уæрæсе»-йы  æхсæнадон исæнуаты специалисттæм. Дзæуджыхъæуы ахæм фембæлдтытæ арæзт фæцæуынц рæстæгæй-рæстæгмæ. Æмæ афтæмæй царды уадзынц, нæ бæстæйы президент Владимир Путины ныстуаны фарстатæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania