филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:29 вторник, 07 мая 2024
03 июля 2019, 12:35
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад сфидар кодта Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырдмæ депутаттæм кандидаттæм хыгъд

Муниципалон зылды хыгъды сæргъы ис Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад сфидар кодта Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырдмæ депутаттæм кандидаттæм хыгъд. Хаст сæм æрцыдысты, 26-æм майы рагагъоммæйы æвзæрстыты фылдæр хъæлæстæ чи æрæмбырд кодта, уыдон. Процедурæ конд æрцыди партийы 29-æм конференцийы рæстæг. Номхыгъд сфидар кодтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы бынæттон хайæдты делегатты сусæг хъæлæс кæныны фæрцы. Муниципалон зылды хыгъды сæргъы ис Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур. Конференцийы ма хорзыл банымадтой æвзæрстыты рагъагъоммæйы программæ дæр. Куыд загътой, афтæмæй конд æрцыди æвзарджыты фæндонтæ хынцгæйæ. Æвзæрстытæ уыдзысты 8-æм сентябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania