Фæндаггон змæлды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, горæты иуæй-иу алвæндæгтыл нысантæ æххуыс нæ, фæлæ хъыгдаргæ кæнынц
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады минæвæрттæ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ, автоинструктортæ скодтой, Дзæуджыхъæуы цы фæндаггон нысантæ ис, уыдоны мониторинг. Фæндаггон змæлды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, горæты иуæй-иу алвæндæгтыл нысантæ æххуыс нæ, фæлæ хъыгдаргæ кæнынц. Специалисттæ æркастысты, цы уаццæгтæй хъаст кодтой, уыдоны уавæрмæ æмæ ссардтой, цалдæр фарста алыг кæнынæн бæлвырд уынаффæтæ. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.
Ацы алвæндаг специалисттæ нымайынц, горæты æппæтæй фылдæр фыдбылызтæ кæм æрцæуы, ахæмыл. Хъесаты КолкАйы уынг æмæ Октябры 50 азы фæз бирæ азты быцæу кæнынц, шофыртæн сæйрагдæр уæвыны барыл. Афтæ рауад, æмæ алы уаццагыл дæр ис «Сæйраг фæндаджы» нысан. Уавæрыл æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы, «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ, автоинструктортæ, паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ.
Уавæр бирæ хуыздæр нæу Московскийы æмæ Хъесаты Астаны уынгты тигъыл дæр. Дзæуджыхъæуы администрацийы фæндаггон арæзтады хицауы хæдивæг Фидараты Роберт куыд загъта, афтæмæй уымæн ис цалдæр аххосаджы: бирæ чысыл уынгтæ, хæстæг фæлладуадзæн зонæ æмæ стыр базарадон центр. Машинæты цыд рæзы, фæндæгтæ та нырма уымæ цæттæ не сты.
Мониторинг арæзт æрцыд «Иугонд Уæрæсе»-йы партион проект «Æдас фæндæгтæ» æххæстгæнгæйæ. Архайджытæ бæлвырд æрдзырдтой, алы уаццаджы уавæр сраст кæныны пъланыл. Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат Уыртаты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ, сæйраг хæс у фæндæгтыл змæлд скæнын æдас æмæ æнцонвадат. Зæрдæ дары, профилон ведомстæвæтæ хæстæгдæр рæстæг фиппаинæгтæ кæй аиуварс кæндзысты, ууыл.
Дарддæр уыдзæн горæты цæрджытимæ ныхас. Партийы уæнгтæ фæнд кæнынц сæрмагонд æмбырд саразын, æхсæнады минæвæртты архайдимæ, цæмæй Дзæуджыхъæуы фæндаггон хызы фидæныл иумæ æрдзурой, уый тыххæй.




