01 апреля 2025, 10:34
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады минæвæрттæ арвыстой гуманитарон æххуыс Белгороды облæстмæ
Уый у, рæстæгмæ цæрыны пунктты чи ис, уыцы цæрджытæн æххуыс
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады минæвæрттæ арвыстой гуманитарон æххуыс Белгороды облæстмæ. Уый у, рæстæгмæ цæрыны пунктты чи ис, уыцы цæрджытæн æххуыс. Скодтой 100 хицæн пакетæй фылдæр алы бинонтæн дæр сæ курдиæттæм гæсгæ. Æдæппæтæй 1 тоннæ æмæ рдæджы бæрц хойрæгтæ. Гуманитарон æххуысыл сæмбæлдзысты Белгороды облæсты «Иугонд Уæрæсейы» регионалон хайады минæвæрттæ, æмæ йæ байуардзысты бынæттон цæрджытыл. Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы партийы адæмон программæмæ гæсгæ.
темæмæ гæсгæ




