Конкурсы уагæвæрдмæ гæсгæ, скъолаты музейты отрядтæ æмбырд кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатæрты хæстон царды æмæ хъысмæты тыххæй хабæрттæ
Историйы арæнтæ ссарын. Парти «Иугонд Уæрæсе» сарæзта скъолаты музейты сгарæн куысты Æппæтуæрæсеон конкурс «Неизвестный солдат». Конкурсы уагæвæрдмæ гæсгæ, скъолаты музейты отрядтæ æмбырд кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатæрты хæстон царды æмæ хъысмæты тыххæй хабæрттæ. Сæ номыл презентацитæ хаст æрцдысты жюрийы размæ. Бæстæйы 69 субъектæй æрбацыд 600 курдиаты. Цæгат Ирыстон хаст æрцыд призерты номхыгъдмæ. Алагиры 3-æм скъола, номинаци «Горæты музей»-ы бацахста дыккаг бынат, Мæздæджы районы Киевскæйы хъæуы ахуыргæнæндоны музей та номинаци «Хъæуккаг музей»-ы сси æртыккаг бынаты хицау. Партийы регионалон хайады секретарь, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур раарфæ кодта уæлахиздзаутæн æмæ сын радта кады гæххæттытæ, стæй сертификаттæ 300 æмæ 200 сомæн.




