филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:08 воскресенье, 16 июня 2024
22 мая 2024, 11:40
Парти «Иугонд Уæрæсейы» Фæсивæдон гвардийы активисттæ ссыдысты ног территоритæй

Уыдон фембæлдысты фæсивæдимæ

Парти «Иугонд Уæрæсейы» Фæсивæдон гвардийы активисттæ ссыдысты ног территоритæй. Уыдон фембæлдысты фæсивæдимæ. Дзиуаты Сослан – медицинон кусæг,  у волонтер.  Уый  гуманитарон хæсимæ уыди Мариуполы, Ирыстонæй ног территоритæм цы цыппæрæм къорд ацыд партийы æххуысæй, уыдонимæ. Волонтерты хæс уыд , хæстон уавæртæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы бынæттон цæрджытæн гуманитарон æххуыс бакæнын.  Фæсивæдон гвардийы активисттæ Мариуполæй куы ссæуынц, уæд ам фембæлынц æхсæнады минæвæрттимæ. Фæдзурынц сын се *ххуыс адæмæн хъæугæ хъуыддаг кæй у, уый тыххæй. Фембæлды архайджытæй бирæтæ сфæнд кодтой ацæуын ног территоритæм иннæ волонтерты къордимæ. Уыимæ æрмæст лæппутæ нæ.  Волонтерты *хсæн ис чызджытæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania