филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:31 суббота, 21 сентября 2024
17 октября 2012, 10:17
Парти «Уæрæсейы Патриотты» минæвæрттæ Дзæуджыхъæуы сарæзтой митинг

Парти «Уæрæсейы Патриотты» минæвæрттæ Дзæуджыхъæуы сарæзтой митинг. Горæты театралон фæзмæ æрбацыд фондз сæдæ адæймагмæ ‘ввахс. Ныхас цыд Парламентмæ æвзæрстыты хатдзæгтыл.

Парти «Уæрæсейы Патриотты» минæвæрттæ Дзæуджыхъæуы сарæзтой митинг.
Горæты театралон фæзмæ æрбацыд фондз сæдæ адæймагмæ ‘ввахс. Ныхас цыд
Парламентмæ æвзæрстыты хатдзæгтыл. «Уæрæсейы патриотты» уæнгтæ сæ разы
не сты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 14-æм октябры сыл схъæлæс
кодтой æвзарджыты дыууын авд проценты онг. Партийы регионалон хайады
разамонджыты хъуыдымæ гæсгæ раиртæстой закъонхæлдтытæ. Партион хыгъды
сæргълæууæг Фадзайты Арсен куыд загъта, афтæмæй сæм ис видеоæрмæг. Уым
бæлвырд æвдыст цæуынц æгъдаухæлдтытæ. Æмæ ныр йе мцæдисонтимæ
тæрхондонæй домдзæн æвзæрстыты хатдзæгтæ аивын. Митинджы рад хастой
барадхъахъхъæнджытæ, сæ сæргъы уыд Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр
Артур Ахметханов. Театралон фæзы барадхæлдтытæ не рцыд. Зæгъын ма хъæуы
уый дæр, æмæ «Уæрæсейы патриоттæ» нæ республикæйы равдыстой хуыздæр
бæрæггæнæнтæ, иннæ регионтимæ абаргæйæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania