16 октября 2025, 10:34
Партион проект «Хистæр фæлтæр»-ы фæлгæты «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад арæх бабæрæг кæны хæдзар интернат «Узæлд»
Ацы хатт ацæргæ адæмæн балæвар кодтой алыхуызон хъæзтытæ, æрмдæсныйады фæрæзтæ, стæй сын сæ зæрдæтæ барухс кодтой зарджытæй æмæ кæфтытæй
Ацæргæ адæмы хæдзары цæрджыты бабæрæг кодтой лæвæрттимæ æмæ концертон программæимæ. Партион проект «Хистæр фæлтæр»-ы фæлгæты «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад арæх бабæрæг кæны хæдзар интернат «Узæлд». Ацы хатт ацæргæ адæмæн балæвар кодтой алыхуызон хъæзтытæ, æрмдæсныйады фæрæзтæ, стæй сын сæ зæрдæтæ барухс кодтой зарджытæй æмæ кæфтытæй. Ахæм лæвар та сын скодтой Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Хистæр кары адæмыл узæлын у парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон прогаммæйы фыццаградон къабæзтæй иу.
темæмæ гæсгæ




