филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:42 воскресенье, 01 февраля 2026
10 мая 2023, 11:18
Патриотон акци арæзт æрцыд Хæзныдоны

Архайдтой дзы канд Æрæфы районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ дæр

Уæлахизы бон алкæмæн дæр зынаргъ у. Йæ кадæн мадзæлттæ арæзт фæцæуынц нæ бæстæйы алы рæтты. Иу ахæм патриотон акци арæзт æрцыд Хæзныдоны. Архайдтой дзы канд Æрæфы районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ дæр. Кадджын уазджыты хсæн – Курчатовы номыл институты Президент Михаил Ковальчук. Сывæллæттæ уазджытæн бацæттæ кодтой хæсты тыххæй цыбыр равдыстытæ, бакастысты æмдзæвгæтæ. Бынæттон футболон фæзы уыд æрвылазон республикон футболон турнир «Кет», аивадуарзджыты хсæн та сарæзтой конкурс «Поклонимся матери солдата». Куыд ацыд мадзал, æмæ цавæр æнкъарæнтæ уыд уазджытæм, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

78 азы дæргъы мысæм, Фыдыбæстæйæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы хъайтарты нæмттæ. Нæ республикæйы сын сарæзтой бирæ цыртдзæвæнтæ. Æмæ мах, Уæлахизы бон куы фæбæрæг кæнæм, уæд нын уыцы цыртдзæвæнтæ свæййынц, иумæ кæм æрæмбырд вæййæм, уыцы бынæттæ. Ахæм цыртдзæвæн ис Хæзныдоны дæр. Æвдисы, мад йæ хъæбултæм куыд æнхъæлмæ каст, уый. Алы аз дæр уыцы цыртдзæвæны раз фæбæрæг кæнынц Уæлахизы бон. Боллоты Батраз цæстысыгимæ æрхъуыды кæны, йæ фыд ын йе фсæддон бонты тыххæй куыд дзырдта, уый. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыд хæстмæ ацыд 42-æм азы, куыддæр ыл 18 азы сæххæст, афтæ.

Мадзалы архайдтой канд Æрæфы районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы ахуырдзаутæ дæр. Сывæллæттæй хæсты тыххæй цыбыр равдыстытæ фенын æмæ æмдзæвгæтæ фехъусын уæлдай цымыдисаг у.

Мадзалы рæстæг, Наталья Соболева хæстон бонты тæваг куы банкъардта, уæд ныффыста æмдзæвгæ.

Хæсты быдырæй нал сыздæхтысты Хæзныдоны 142 фырты æмæ Ирыстоны 50 мин хъæбулы. Хъайтарты нæмттæ æрымысынмæ æрбацыдысты Æрæфы районы цæрджытæ. Бынæттон футболон фæзы ацыд æрвылазон республикон футболон турнир «Кет». Фæуæлахиз Хæзныдоны футболон командæ. Схорзæхджын сæ кодта Уæрæсейы зындгонд футболист Цæрикъаты Тарас.

Мадзалы кадджын уазджыты хсæн уыд Курчатовы номыл институты Президент Михаил Ковальчук. Ирыстонмæ ссыди фыццаг хатт.

Сывæллæттæн æмæ уазджытæн цымыдисаг программæйæ уæлдай бацæттæ кодтой адджинæгтæ æмæ дæттæ. Мадзал саразыны хъæппæрис кæмæ разынд, уыдонæй иу у Хъамболты Марат дæр. Архайджытæн балæвар кодтой агуывзæтæ, уæлæдарæс æмæ бейсболкæ «Хæзныдон» фыстимæ.

Цыртдзæвæн куы бакодтой, уæдæй нырмæ арæзт цæуы республикон конкурс «Поклонимся матери солдата» дæр. Æмæ азæй азмæ конкурсы архайын кæй фæнды, уыдоны хыгъд кæны æрмæстдæр фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania