Афтæмæй ссардтой Намысы æххæст кавалер Илья Сергеевы ном
Павлодольскæйы скъолайы къулыл байгом кодтой номарæн къæйдур. Афтæмæй ссардтой Намысы æххæст кавалер Илья Сергеевы ном. Кадджын мадзалы архайдтой хицауады уæнгтæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, хъазахъхъæгтæ, дины кусджытæ. Мадзалмæ стыр æвæрæн бахастой Сергеевты бинонтæ стæй Юрий Нечитайлов. Уый дыккаг аз разамынд дæтты Мæздæджы районы «Хæстон æфсымæрады» хайадæн. Æфсæддон маршы зæлтæм номарæн фæйнæг байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд Полина Кохановайæн æмæ Назар Пекущевæн. Къæйдурыл саргъуыдта станицæйы аргъуаны сауджын Евгений Колесников. Хистæр сержант Илья Сергеев фронтмæ ацыд 17 аздзыдæй. Равдыста стыр ныфс æмæ хъæбатырдзинад. Æртыккаг къæпхæны орден райста, немыцаг лагерæй амынæтты ирвæзынгæнгæйæ. 1944-æм азы октябры танкты экипаж, хистæр сержант Сергеевы разамындæй, скуынæг кодта дыууæ танчы, 4 бронетранспортеры æмæ ма фашистон æфсæдты цалдæр хæцæнгарзы. Æнтыстджын операцийы тыххæй Хъæбатырæн лæвæрд æрцыд 2-æм къæпхæны Намысы Орден. 1945-æм азы январы та хорзæхджынгонд æрцыд 1-аг къæпхæны Намысы Орденæй. Сæ хъуыстгонд æмзæххоны сæраппонд скъоладзаутæ рацыдысты кадджын маршы, акодтой хæстон зарджыты æмæ аив бакастысты æмдзæвгæтæ. Намысы Ордены Æххæст Кавалер Илья Сергеевы ном радтой кадетты къласæн.




