20 сентября 2019, 15:42
Павлодольскæйы станицæйы культурæйы хæдзар ацы аз бæрæг кæндзæн йæ 60 азы юбилей
Республикæйы Сæргълæууæджы æххуысæй уал балхæдтой 150 бандоны, стæй ансамбль «Казачок»-æн костюмтæ
Мæздæджы районы Павлодольскæйы станицæйы культурæйы хæдзар ацы аз бæрæг кæндзæн йæ 60 азы юбилей. Фæлæ уал ныр та, районы культурæйы кусджытæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц бæстыхайы бындурон цалцæгмæ. Республикæйы Сæргълæууæджы æххуысæй уал балхæдтой 150 бандоны, стæй ансамбль «Казачок»-æн костюмтæ. Сæ лыггæнинаг фарстатæ станицæйы цæрджытæ фехъусын кодтой Битарты Вячеслав Мæздæджы районы кусæг балцы куы уыди, уæд. Уый фæстæ сын æхца радих кодтой уæлæрасæсæн æмæ бандæттæн. Ныртæккæ ансамблы уæлæдарæс ис заказы. Тагъд артисттæ концерттæ дæтдзысты аив костюмты. 60 азы юбилей та сбæрæг кæндзысты октябры.
темæмæ гæсгæ




