17 февраля 2023, 11:14
Персаты Арнеллæйы хæрзаудæн фонд æххуыс æмбырд кæны Сирийы зæххæнкъуысты рæстæг хъыгдардбаййафæг адæмæн
19-æм февралы онг алкæмæндæр йæ бон у гуманитарон æххуыс æмбырд кæныны хъуыддагмæ йе вæрæн бахæссын
Ирыстонæй æххуыс. Персаты Арнеллæйы хæрзаудæн фонд æххуыс æмбырд кæны Сирийы зæххæнкъуысты рæстæг хъыгдардбаййафæг адæмæн. 19-æм февралы онг алкæмæндæр йæ бон у гуманитарон æххуыс æмбырд кæныны хъуыддагмæ йе вæрæн бахæссын. Баххуыс кæнæн ис фæлхасадон продукттæй, уæлæдарæсæй, хуыссæнгæрзтæй, хостæй, иу ныхасæй, йæ бон кæмæн цæмæй у, уымæй. Гуманитарон æххуыс баласæн ис Калинины уынджы 1-æм хæдзармæ, стæй Интернациональныйы уынджы 93-æм номырмæ. Гуманитарон æххуыс равзарынмæ æххуыс кæнынц волонтертæ. Ацы дыууæ боны гуманитарон уæз æфсæддон аэродромæй арвитдзысты Мæскуыйы бынмæ, уырдыгæй та Сиримæ.
темæмæ гæсгæ




