филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
21 мая 2020, 15:39
Персаты Арнеллæйы сдзæбæх кæнынмæ цы æхца хъуыди цы хца хъуыдис, уыдон æмбырдгонд æрцыдысты

Уый тыххæй социалон хызты фехъусын кодтой сабийы ныййарджытæ

Персаты Арнеллæйы сдзæбæх кæнынмæ цы æхца хъуыди цы хца хъуыдис, уыдон æмбырдгонд æрцыдысты. Уый тыххæй социалон хызты фехъусын кодтой сабийы ныййарджытæ. Персатæ бузныг загътой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, меценат æмæ футболон клуб «Алания-Дзæуджыхъæуы» Гуыриаты Владимирæ æмæ Дзгойты Тамерланмæ æххуысагур кæй фæсидт, уый тыххæй.

Уыцы адæмы фæрцы нæ къухы бафтыдис æхца баххæст кæнын – фыссынц Персатæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Персаты Арнеллæ рынчын у стæм генетикон низæй. Сабийы сдзæбæх кæндзæн, 2 милуан доллæры йæ аргъ кæмæн у, ахæм хос. Спайда кæнæн дзы ис, цалынмæ сывæллоныл 2 азы нæ сæххæст уа, уæдмæ. Арнеллæйæн æхца æмбырд кодтой Ирыстоны цæрджытæ. Хæрзаудæн хъуыддагмæ се вæрæн бахастой блогертæ, артисттæ, спортсментæ, журналисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania