филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:30 вторник, 17 марта 2026
17 марта 2026, 10:34
Платы Альбинæ йæхи фæндонмæ гæсгæ уæгъдгонд æрцыди Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæджы бынатæй

Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло

Платы Альбинæ йæхи фæндонмæ гæсгæ уæгъдгонд æрцыди Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæджы бынатæй. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Платы Альбинæ йæ бирæ азты æнæзæрдæхудт куысты тыххæй  хорзæхгонд æрцыди «Ирыстоны сæраппонды» майданæй. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй йæ зæрдæ дары дарддæры æмгуыстадыл. Æмбырды ныхас цыди Арвы Комы фæндагыл дæр. 2 мины 2 сæдæ æртын уæзласæн машинæйы сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц «Уæллар Ларс»-ы уылты ацæуынмæ. Республикæйы эпидемиологон уавæрыл дзургæйæ та фæнысан кодтой, хæцгæ низты æмвæзад кæй фæкъаддæр, уый. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæйы раныхасмæ гæсгæ, республикæйы карантины хгæд сты 2 рæвдауæндоны. Дзæуджыхъæуы Фæскомцæдисонты парчы дарддæры рацарæзт райдайдзæн майы. Республикæйы сæргълæууæджы хæслæвæрдтæй иу баст уыди ирон æвзаджы рæзтимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania