филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:10 пятница, 04 июля 2025
12 июля 2024, 11:45
Платы Альбинæйы разамындæй арæзт æрцыд, литературæйы æмæ аивады къабазы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми дæттыны къамисы æмбырд

Къамисы уæнгтæ бæлвырд æркастысты алы курдиатмæ дæр, æмæ равзæрстой 9 куысты

Вице-премьер Платы Альбинæйы разамындæй арæзт æрцыд, литературæйы æмæ аивады къабазы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми дæттыны къамисы ацы азы фыццаг æмбырд. Уæлдæр паддзахадон хæрзиуæг культурæйы къабазы лæвæрд цæуы 1964-æм азæй фæстæмæ. Йæ фыццаг лауреат сси æвзагиртасæг-иранист, бæстæзонæг, этимолог æмæ педагог Абайты Василий. Преми дæттынц æртæ азы иу хатт. Æмæ ахсджиаг у, ацы аз ахсджиаг цаутимæ кæй баиу, уый. Республикæйæн бындур сæвæрыны 100 азы, Ирыстон Уæрæсеимæ кæй баиу, уый 250 азы, Дзæуджыхъæуы 240 азы æмæ Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы бон. Ацы аз Къостайы преми лæвæрд цæудзæн 29-æм хатт, – загъта Платы Альбинæ.

Преми райсыны тыххæй уацмыстæ лæвæрд цыдысты 1-æм апрелæй 31-æм майы онг. Æркæсынмæ балæвæрдтой авторон уацмыстæ. Сæйраг домæн – цæмæй мыхуыры рацыдаиккой æмæ равдыстаиккой 2022 2023-æм азты. Сæ куыстытæ балæвæрдтой 13 авторы æмæ авторон коллективтæ номинаци «Литературæ» æмæ «Аивады». Къамисы уæнгтæ бæлвырд æркастысты алы курдиатмæ дæр, æмæ равзæрстой 9 куысты. Хетæгкаты Къостайы паддзахадон преми литературæ æмæ аивады къабазы у Цæгат Ирыстоны культурæйы архайджыты уæлдæр хæрзиуæг. Лæвæрд цæуы стыр æнтыстдзинæдты тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania