филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:44 суббота, 21 сентября 2024
14 декабря 2023, 10:23
Плиты Иссæйы райгуырдыл 120 азы кæй сæххæст, уый кадæн мысæн изæр уыд Мæскуыйы Уæлахизы музейы

Уазджытæн равдыстой номдзыд æфсæддон разамонæджы тыххæй киноныв, стæй скодтой, Дзанайты Азанбег ын цы портрет скодта, уый презентаци

Советон Цæдисы 2 хатты Хъæбатыр, Монголийы адæмон республикæйы Хъæбатыр, инæлар Плиты Иссæйы райгуырдыл 120 азы кæй сæххæст, уый кадæн афæдзы дæргъы республикæйы арæзт цыдысты номарæн мадзæлттæ. Ацы бонты мысæн изæр уыд Мæскуыйы Уæлахизы музейы дæр. Уазджытæн равдыстой номдзыд æфсæддон разамонæджы тыххæй киноныв, стæй скодтой, Дзанайты Азанбег ын цы портрет скодта, уый презентаци. Мадзал бацæттæ кодта Дзанайты Азанбеджы номыл культурæйы фонд. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Рæстæджы æмæ километрты сæрты. Чысыл Дзæуджыхъæуы уа, кæнæ та стыр Мæскуыйы, кæд æмæ кæмдæриддæр Плиты Иссæйы тыххæй дзургæйæ, цыма хъæбатыр никуыдæм ацыд, фæлæ нæ цуры ис, афтæ кæсы. Ныры онг цæры алы патриоты зæрдæйы дæр. Номдзыд инæлар цы хъæбатырдзинад æмæ ныфс равдыста, уыдон абон дæр дисы æфтауынц. Алчидæр дзы у сæрыстыр.

Æгæронæй уарзта йæ Фыдыбæстæ, цыма ницæмæй тарсти, афтæ. Æппæтæй карздæр тохты, æппæтæй зындæр уавæрты фæстæмæ никуы акъахдзæф кодта. Плиты Иссæ æрмæстдæр размæ бырста. Æдзухдæр йæ зæрдыл дардта, паддзахад бахъахъхъæнын æрмæст хæс нæу, фæлæ царды нысан. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты, Карибаг кризисы рæстæг, хъæбатырæй хызти æппæт зындзинæдты сæрты дæр.

Фæлæ баззайы намыс. Æмæ уый нæ бамынæг уыдзæн, цалынмæ Плиты Иссæйы хуызæн, æцæг хъæбатырты лæгдзинады тыххæй чи дзура, уыдон сты, уæдмæ. Уый абон дæр дæнцæг у, йæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ чи сыстад, уыдонæй алкæмæндæр.

Ахæм æмбарынад уыд Плиты Иссæмæ дæр. Уый куыд раздæр, афтæ ныр дæр разæнгард кæны уæлахизмæ. Ныфсджын æмæ хъæбатыр хæстонты, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау йæ цард снывонд кæнынмæ цæттæ чи у, уыдоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania