15 декабря 2022, 11:31
Плиты Иссæйы уынг æмæ Къостайы проспект кæм баиу вæййынц, ууылты ногæй ис машинæтæн цæуæн
Трамвайтæ та уыцы уаццагыл сæ цыд сног кæндзысты абон
Дзæуджыхъæуы Плиты Иссæйы уынг æмæ Къостайы проспект кæм баиу вæййынц, ууылты ногæй ис машинæтæн цæуæн. Трамвайтæ та уыцы уаццагыл сæ цыд сног кæндзысты абон. Знон уал вагæттæ ауагътой тесты хуызы. Фæндаджы цалцæг æмæ ног трамвайты рельсытæ æвæрыны куыст нысан кодтой сæрды райдианмæ фæуын. Фæлæ подрядон организацийæн уый нæ бантыст. Эксплуатацийы мгъуыд кæй нæ сæххæст кодтой, уый тыххæй сæ фæивар кодтой. Ивгъуыд къуырийы кæрон Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд. Уым хаст æрцыд уынаффæ – æппæт куыстытæ 15-æм декабрьмæ фæуын. Хæстæгдæр бонты уаацагыл æвæрд æрцæудзысты фæндаггон нысантæ.
темæмæ гæсгæ




