филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:42 воскресенье, 01 февраля 2026
22 марта 2023, 11:57
Поэзийы боны кадæн

Æмдзæвгæтæ чи фыссы, уыцы адæмæн дунемæ ис æндæр цæстæнгас

Поэзийы боны кадæн… Æмдзæвгæтæ чи фыссы, уыцы адæмæн дунемæ ис æндæр цæстæнгас. Æдзух уæлкурдиат агургæйæ, сæхæдæг бирæты сразæнгард кæнынц сфæлдыстадмæ. Поэзийы райрæзтыл архайын ахсджиаг хъуыддаг у, уæлдайдæр та мадæлон æвзагыл. Темæ раргом кæныныл бацархайдта Хъайтмазты Дзерассæ.

Æмæ кæд зарæджы сæйраг бынат мелоди ахсы, уæд ын ныхæстæ та радтынц сæрмагонд мидис. Зарджытæм æмдзæвгæтæ Илона Моргунова фыссын райдыдта 5-æм къласы. Куыд зæгъы, афтæмæй иу хатт ацы хъуыддаг сæххæстгæнгæйæ, йæ бон æрлæууын нал бацис. Алы рæнхъ дæр ын хуымæтæг дзырдты баст нæу. Уый у, йæхæдæг цы банкъардта, æмæ йæ иннæтæм бахæццæ кæнын цы фæнды, уый.

Поэзи у адæймаджы уды музыкæ. Авторы зæрдæйæ цы цæуы, æмæ кæсджыты зæрдæтæм арф цы бахъары, уый. Æмдзæвгæтæ куыд равзæрынц, уый бамбарын кæнын зын у, зæгъы Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Гуырдзыбеты Иринæ. Йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыста, 4 азы йыл куы цыди, уæд. Афтæмæй райдыдта йе гæрон уарзондзинад поэзимæ.

Поэт æдзух фæагуры уæлкурдиат. Уыимæ йæ балæвар кæны йæ кæсджытæн дæр. Æнæмæнг цæттæ уацмысы хуызы нæ. Разæнгард кæны поэзийы тыххæй ныхас дæр. Æрмæст æцæг курдиатджын адæймагимæ аныхас гæнгæйæ, банкъарыс сфæлдыстадмæ æнæмбаргæ тырнындзинад. Афтæ Гуырдзыбеты Иринæимæ фембæлды рæстæг нæ операторы дæр бафæндыд фæлдисын.

Поэтты фæлтæртæ ивынц. Райгуырынц ног курдиæттæ. Слæууынц поэзийы райрæзты фæндагыл. Æмæ уый æнæмæнг хъæуы. Уæлдайдæр та мадæлон æвзагыл литературæйы.

Ирон æвзагыл чи фыссы, ахæм поэттæ ис. Æмæ чысыл не сты. Габолаты Зауырбег фыццаг уырыссаг æвзагыл фыста, уый фæстæ райдыдта мадæлон æвзагыл фæлварын. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ уацмысты тематикæ у алывæрсыг. Сæйрагдæр у, цæмæй йæ темæ разæнгард кæна.

Поэт у, дуне æндæрхуызон чи уыны, ахæм адæймаг. Алыварс цы цæуы, уымæ йæм иннæ адæмæй арфдæр цæстæнгас ис. Æмæ йе мдзæвгæтæй  алкæмæндæр дæтты, царды цавæрдæр фæзындтытæм ног цæстæй ракæсыны фадат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania