20 ноября 2019, 18:28
Полигон «Шалхи»-йы цæуынц Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты æфсæддон-политикон оргæнты разамонджыты æнæрадон сæрмагонд æмбырдтæ
Нысанмæхсæн хицæн 19-æм бригады æрбынат кодтой Уæрæсейы алы регионты минæвæрттæ.
Æфсæддон ахуырты полигон «Шалхи»-йы цæуынц Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты æфсæддон-политикон оргæнты разамонджыты æнæрадон сæрмагонд æмбырдтæ. Нысанмæхсæн хицæн 19-æм бригады æрбынат кодтой Уæрæсейы алы регионты минæвæрттæ. Сты 200 æфсæддонæй фылдæр. Гæрзифтонг тыхты разамонджыты нысан у бацамонын хæстон уавæрты куыд архайын хъæуы, уыимæ ахсджиаг у психологон цæлхдурты сæрты ахизын. Ахуырты рæстæг пайдагонд цæуы 40 техникон иуæгæй, стæй æнæпилотон авиацийæ. Ам алцыдæр æрæзт у æцæг тохы уавæртæм гæсгæ. Йæ архайджыты равдисын хъæуы æмархайд æмæ бахъуаджы сахат кæрæдзийæн æххуыс.




