28 июля 2025, 10:35
Проект «Мæ разамонджыты» республикон форум арæзт æрцыди парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы
Ацы проект æххæстгонд цæуы партион проект «Иугонд Уæрæсейы сылгоймæгты змæлд»-ы фæлгæты
Проект «Мæ разамонджыты» республикон форум арæзт æрцыди парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы. Ацы проект æххæстгонд цæуы партион проект «Иугонд Уæрæсейы сылгоймæгты змæлд»-ы фæлгæты. Форумы архайдтой партийы æмæ республикæйы æхсæнадон иугæндты минæвæрттæ. Мадзалы нысан – фæсивæдмæ социалон проекттæ аразыны миниуджытæ æмæ æндæр куыстытæм хъомыс раргом кæнын. Проекты архайджытæ суæвын йæ бон у 18 азæй 35 азы онг кæуыл цæуы, ахæм адæмæн. Разамонджытæ сты алы къабæзты фæлтæрдджын минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны ацы хъуыддаджы хи бафæлварын бафæндыд 100 адæймаджы.
темæмæ гæсгæ




