филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:35 пятница, 25 июля 2025
19 июля 2025, 10:38
Проект «ПроШкола»-йы фæлгæты ног скъолайы арæзтадыл ныхас цыди, Дзанайты Барис разамынд цы æмбырдæн лæвæрдта, уым

Объект у 1100 бынатæн

Проект «ПроШкола»-йы фæлгæты ног скъолайы арæзтадыл ныхас цыди, Дзанайты Барис разамынд цы æмбырдæн лæвæрдта, уым. Объект у 1100 бынатæн. Æмбырды архайдтой профилон министрадты æмæ ведомствæты, подрядон организациты æмæ æхсæнад «ПроШкола»-йы минæвæрттæ. Проект конд у нырыккон, ахуырадон куыстуаты арæзтадæн, дзуапп дæтдзæни нымæцон ахуырадон тыгъдады æппæты, æдасдзинады актуалондæр домæнтæн. Ахуырдзаутæн æмæ дзы ахуыргæнджытæн уыдзæни тæккæ нырыккондæр æмæ æнцонвадатдæр уавæртæ. Æмбырды бæстонæй æрдзырдтой ахуыргæнæндоны арæзтады куыстытыл, логистикæйы фарстатыл, арæзтадон æрмæджытæ æмæ техникон кусæнгæрзтæй ифтонг кæныныл. Стыр æргом дзы здæхт æрцыди ведомствæты хсæн æмгуыстадмæ, æмæ проекты хæрзхъæддзинадмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania