филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:43 суббота, 31 января 2026
03 сентября 2021, 12:02
Профилон специалисттæ бæрæг кæнынц, ахуыргæнæндæттæ æнæнхъæлæджы уавæртæм куыд цæттæ сты, уый

Уыимæ бæстон кæсынц алы хъуыддагмæ дæр, райдай хъахъхъæнджытæй æмæ зынгсирвæзты ныхмæ кусæнгæрзтæй фæуы

17 азы размæ трагикон цаутæ ирдæй равдыстой, куыд ахсджиаг у скъолаты æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнын. Профилон специалисттæ ныртæккæ бæрæг кæнынц, ахуыргæнæндæттæ æнæнхъæлæджы уавæртæм куыд цæттæ сты, уый. Уыимæ бæстон кæсынц алы хъуыддагмæ дæр, райдай хъахъхъæнджытæй æмæ зынгсирвæзты ныхмæ кусæнгæрзтæй фæуы. Æппæт фиппаинæгтыл дæр æвæстиатæй цæуы куыст. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Томайты Батраз.

Мæхъиты Динæ сывæллæттимæ кусы æртын цыппар азы. Уыцы мгъуыдмæ педагог иттæг хорз базыдта æдасдзинады домæнтæ. Кæстæртæн алы бон дæр радзуры цардархайды æдасдзинады тыххæй.

Уæвгæ æдасдзинадмæ ам тынг лæмбынæг кæсынц. Афæдз дыууæ хатты сæм арæзт фæцæуынц эвакуацийы тренировкæтæ. Спайда дзы кæнынц нырыккон кусæнгæрзтæй. Æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг та байгом кæнынц бæстыхайæ уæлæмхасæн рацæуæнтæ.

Алцыдæр хуымæтæг арæзт нæу. 2013-æм азы скъолайæн лæвæрд æрцыд «ахуырады æппæтæй æдасдæр объекты» ном. Лицейы директор Бирæгъты Лианæ куыд радзырдта, афтæмæй сæ коллектив архайы уыцы номы аккаг уæвыныл.

Ахуыры азы райдианы агъоммæ сбæрæг кодтой дыууын æвдæм скъола дæр. Зынгсирвæзтытæм цæстдарды управленийы специалисттæ сын скодта амынддзинæдтæ. Скъолайы директор Джимиты Галинæ загъта, æппæт аипдзинæдтæ дæр иуварсгонд кæй æрцыдысты, уый тыххæй.

Дзæуджыхъæуы скъолатæ сбæрæг кодтой ахуырады, зынгсирвæзтытæм цæстдарды æмæ граждайнаг хъахъхъæнынады Управлениты специалисттæ. Ведомствойы разамонæг Айларты Арсен куыд радзырдта, афтæмæй объектты æдасдзинады домæнтæ сæххæст кодтой, куыд æмбæлы, афтæ.

Æдасдзинады фарста лыггонд цæуы иумæйагæй. Уымæ гæсгæ скъолатæ хъахъхъæнынмæ стыр æргом здахынц. Уыцы хъуыддагæн дзуапп дæттынц хъхъхъæнæн хи куыстуæттæ. Æппæт аипдзинæдтæ иуварсгонд æрцыдысты, æмæ ног ахуыры азы райдиан ницы бакъуылымпы кæндзæн. Ахуыртæ райдайдзысты 4-æм сентябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania