07 октября 2014, 17:32
Профцæдисты æппæтдунеон акцийы архайы Цæгат Ирыстон дæр
«Æмбæлгæ куыст æнæ хæстæй æмæ æнæ санкцитæй». Профцæдисты æппæтдунеон акцийы архайы Цæгат Ирыстон дæр. Абон уыд организацийы активы æмбырд. Адæмæн куысты бынæттæ амал кæнын, фæллойгæнджытæн æмбæлгæ мызд фидын, æмæ сын сæ социалон бартæ хъахъхъæнын.
«Æмбæлгæ куыст æнæ хæстæй æмæ æнæ санкцитæй». Профцæдисты æппæтдунеон акцийы архайы Цæгат Ирыстон дæр. Абон уыд организацийы активы æмбырд. Адæмæн куысты бынæттæ амал кæнын, фæллойгæнджытæн æмбæлгæ мызд фидын, æмæ сын сæ социалон бартæ хъахъхъæнын. Уыцы фарстатæ профцæдисты змæлдæн кæддæриддæр ахсджиаг уыдысты. Бæстæйы æмæ дунейы абон цы æхсæнадон-политикон уавæр ис, уымæ гæсгæ ма ныр республикæйы профцæдистæ дзурынц экономикон санкциты, товарты æмæ лæггæдты æргътæ зынаргъдæр кæныны ныхмæ. Уыдæттæ æвзæрырдæм ахадынц адæмы цардыл, ахæм у Цæгат Ирыстоны фæллойгæнджыты хъуыды. Стыр куыстуæтты разамонджытæм æмæ амалхъом адæммæ фæсидтысты, æргътæ цæмæй ма бæрзонддæр кæной, уый тыххæй мадзæлттæ саразыны курдиатимæ. Ацы аз акци арæзт æрцыд 7-æм хатт.
Гæбуты Мурат, РЦИ-Аланийы фæндаггон хæдзарады æмæ автотранспорты профцæдисты сæрдар: «Паддзахадон транспорты æмæ фæндæгты арæзтады къабазы ис тынг æвзæр уавæр. Абон фылдæр сты сæрмагонд куыстуæттæ. Маршрутон такситæй байдзаг ис горæт, автобустæ нал ис. Шофыртæ маршрутмæ рацæугæйæ хъуамæ ацæуой медицинон æркаст, сæ техникон уавæр хъуамæ рæстмæ уа. Ахæм уавæртæ сын нæй. Хатгай тынг æвзæр автобустыл рацæуынц, æмæ адæм тынг хъаст кæнынц уый тыххæй».
темæмæ гæсгæ




